Главная / Старшие классы / Родной язык и литература

У р о к - с е м и н а р (7 – æм кълас)

Скачать
35.65 КБ, 298759.rar Автор: Маргиева Циала Абрамовна, 20 Мар 2015

(Кочысаты М. æмæ Калоты Х. номыл мысæн урок)

15 – æм астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг: Мæргъиты Ц. А.

Дзæуджыхъæу, 2011 аз.

Урочы хæстæ:

1) Сбæлвырд кæнын ахуырдзауты цæттæдзинад урокмæ, раиртасын, куыд бæстон базонгæ сты Кочысаты М. æмæ Калоты Х. цард æмæ сфæлдыстадимæ;

2) Ахуыр кæнын сывæллæтты сæ хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын, аив дзурын æмæ кæсын;

3) Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, ныфсхаст æмæ сæрæн уæвыныл ахуыр кæнын ахуырдзауты.

Урочы æрмæг: компьютер, презентации, музыкæ, хæстон нывтæ, зынгхуыст поэтты портреттæ, къулы газеттæ, дидинджытæ, цырæгътæ.

Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

II. (Хъуысы æнкъард музыкæ. Рацæуынц дыууæ скъоладзауы – чызг æмæ лæппу, сæ къухты фæйнæ дидинæджы).

1- аг скъоладзау:

- «Фыдыбæстæ уæ дзырды сæр куы уа, - фыццаг ныхас-иу мард хæстонтæн раттут».

Слайд №1 (Калоты Х., Кочысаты М. портреттæ)

2-аг скъоладзау:

- Нæ абоны мысæн урокæй мах арæм Ирыстоны зынгхуыст хъæбултæ, курдиатджын поэттæ, Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты Хазбийы рухс нæмттæ.

(Музыкæ хъæрдæрæй райхъуысы, 2 скъоладзауы портретты бын æрæвæрынц сæ дидинджытæ æмæ ссудзынц цырæгътæ)

1-аг кæсæг:

Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

Фыдыбæстæ æмæ сæрибар,

Циу цард æнæ сымах? – Ингæн.

3-аг скъоладзау:

- Райгуырæн бæстæ… Фыды зæхх… Ныййарæг мад… Уыдон сты адæймагæн йæ ахсджиагдæр, бæрзонддæр царды нысæнттæ, хæстон тырысатæ. Уыдоны сæрвæлтау æвгъау нæ кодтой сæ рæзгæ цард, сæ удтæ нæ сагсур фæсивæд…

Слайд №2 (Хæстон нывтæ, зарæг «Священная война»).

4-æм скъоладзау:

-22 июнь… 1941 аз. Уыцы сау бон… Тугмондаг немыцаг фашисттæ сæ сау фæндтимæ æрбабырстой нæ сæрибар Райгуырæн бæстæмæ…

Фыдыбæстæйы сæрвæлтау, залиаг калмы хъæлæсæй дзыллæйы сæрибар байсынмæ Ирыстонæй ацыди 84 мин адæймаджы. Уыдонæй 43 минæй фылдæр нал раздæхтис хæсты быдырæй. Бирæтæ дзы уыдысты хæрз æрыгон.

(Хъуысы та æнкъард музыкæ).

2-аг кæсæг:

Нæ сахъ фæсивæд тохы фæзы баззад,

Нæ сахъ фæсивæд нал цауы хъæумæ…

О, цал рæсугъды судзгæ уарзт фæсайдта,

О, цал идæдзæн нал раздæхт йæ мой.

О, цал мады сæ уæлæ скодтой саутæ,

О, цал фыртæн йæ фыд йæ цуры нæй?..

( Райхъуыст та музыкæ).

Слайд № 3æстон нывтæ, æфсæддонтæ)

5-æм скъоладзау:

- Царды циныл чи зарыди, уыцы æрыгон курдиатджын поэттæ скодтой хæстон дарæс, сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх фашистон лæгмартæй бахъахъхъæнынмæ. Уыдон цæттæ уыдысты мæлæтмæ…

3-аг кæсæг:

Фæуагътон мæ фæндыр рæстæгмæ,

Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард.

Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ,

Æз райстон мæ топп æмæ кард.

Гъеуый тыххæй абон, Ирыстон,

Дæ разы мæ цæсгом у рухс.

Гъеумæн дæн афтæ сæрыстыр,

Гъеуымæн дæн афтæ хъал æз.

1-аг скъоладзау:

Слайд № 4, 5 (Кочысаты М. портрет, Ольгинскæйы хъæу)

- Ацы зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ ныффыста, ирон литературæмæ мыггагмæ цæринаг зарджытæ чи бахаста, уыцы зынгхуыст лæппутæй иу

- Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег райгуырди 1920 азы Ольгинскæйы. Авдазон скъола каст фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыди педагогон техникуммæ. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ йæ каст фæцис æмæ йæ райстой Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ. Ам дæр ахуыр кодта иттæг хорз, иста Къостайы номыл стипенди. Хæст куы райдыдта, уæд Мухарбег уыд фæстаг курсы. Фæлæ йын институт фæуын нæ бантысти – 1941 азы ацыди Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау тохы быдырмæ, уыдис афицер. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йын саккаг кодтой Сырх Стъалыйы орден æмæ майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй».

7-æм скъоладзау:

- Фыдыбæстæ тæссаг уавары куы бахауд, уæд хъæбулы ард хæры Кочысаты Мухарбег. Байхъусæм-ма Мухарбеджы ныхæстыл конд зарæг

«Фыдыбæстæ»-мæ.

( Зарæг «Фыдыбæстæ»-Медойты Светланæ)

8-æм скъоладзау:

- Поэты фидарæй уырныдта, рæстдзинад кæй фæуæлахиз уыдзæн, фыдгулыл сау бон кæй ныккæндзæн, уый. Æмæ зæрдæтæ бæргæ æвæрдта йæ мадæн, Ирыстонæн:

4-æм кæсæг:

- Фæуыдзæн хæст! Нæ рæстдзинады кардæй.

Ызнаг æрцæудзæн тагъд рæстæджы саст.

Æмæ дæм уæд, ныййарæг мад, æз дардæй

Фæзындзынæн сæрæгасæй æваст…

8-æм скъоладзау:

- Фæлæ нал æрыздæхти йæ ныййарæг мадмæ Мухарбег. 1944 азы фæмард украинаг горæт Ямпол знæгтæй хъахъхъæнгæйæ…Æрцыди поэтæн йæхи ныхас:

(Хæрз сабырæй хъуысы музыкæ).

5-æм кæсæг:

Мыййаг, хæсты быдыры искуы,

Куы фæуон мард,

Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл

Мæ разгæ цард…

Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ,

Мæ зарæг æз.

Æмæ куы бамыр уа бынтондæр

Мæ сонт хъæлæс…

Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,

Мæ рухс фæндаг…

О, курын уæ, зынаргъ æмбæлттæ,

Æз иу хъуыддаг:

Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн,

Куы фæуа хæст,-

Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн

Цытимæ æз.

Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн

Салам мæнæй.

Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон

Зæрдæбынæй.

9-æм скъоладзау:

- Мухарбеджы зарæг æнусмæ ахстон сбыдта йæ уарзон адæмы зæрдæйы. Сæххæст кодта, Нигермæ цы ныхæстæ фыста, уыдон: «Иугæр куы мæлон, уæд – кадимæ, ирон дзыллæйы намыс нæ фæчъизи кæндзынæн».

(Хъуысы хъæрдæрæй музыкæ-зарæг «Хæстон хъæбултæ», æрсабырдæр музыкæ)

Слайд № 7 (Калоты Х. портрет)

2-аг скъоладзау:

- Ирыстоны чи райгуырд, фæлæ йын йæ рæсугъд æрдзы уындæй чи нæ бафсæсти, йæ рæзгæ цард кæмæн аскъуыд, йæ рухс фæндтæ йæ хъуыры кæмæн фæбадтысты, уыцы зынгхуыст хъæбултæй иу у Калоты Хазби.

10-æм скъоладзау:

- Калоты Алыксандры фырт Хазби райгуырди 1921 азы Цæгат Ирыстоны Захъамæ æввахс чысыл хæххон хъæу Байыкомы. 1934 азы каст фæци Къостайы хъæуы 7 - азон скъола æмæ бацыди кусæг факультетмæ. Фæстæдæр Хазби ахуыр кодта Калачы Паддзахадон университеты, стæй раивта Цæгат Ирыстоны Паддзахадон педагогон институтмæ, литературон хайадмæ. Институт каст фæуын ын нæ бантыст – райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æфсадмæ ацыд институты фæстаг курсæй. 1941 азæй 1942 азмæ ахуыр кодта Сталинграды облæсты, Камышины танкисты скъолайы, сси кæстæр лейтенант. Хæцæг æфсадмæ ацыд 1942 азы октябыры. Уыди танк Т-34-йы командир.

Хæстмæ куы цыди Хазби, уæд фыста:

11-æм скъоладзау: (сындæг æнкъард музыкæ)

«Æз цæуын… Цæуын, æмæ чи зоны, фæстаджы балцы… Гъей, цæй даргь у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг! Хорзæй баззай, мæ райгуырæн Ир!.. Уарзын дæ… Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг… Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын, бауромæн кæмæн нæй, ахæм уарзондзинадæй.

О цас уарзын!

Бабын уа, мах чи фæхицæн кодта, нæ цард нын чи сызмæста, уый бын бауа!.. Æгъгъæд æнкъарддзинад! Схæц-ма дæхиуыл, мæ хорз æмбал… кæнæ та райс фæндыр, фæндарасты цагъд мын æркæн! Æз ахæсдзынæн царды аив мыртæ мæ риуы, лæбурдзынæн фыранкау, никæцы тых басæтдзæни мæн. Уырны мæ, иубон дæм кæй фæзындзынæн, иубон дын æнæнхъæлæджы дæ рудзынг кæй бахойдзынæн, уый.

Æнхъæлмæ кæс… Ма ферох кæн!..

(Райхъуыст та æнкъард музыкæ).

Слайд №8 (Курск хæсты заман, танк)

12-æм скъоладзау:

-Фыдæнхъæл фæкодта Хазби Ирыстоны. Ацыди фæстаджы балцы. 1943 азы афицер Калоты Хазби йæ цард нывондæн æрхаста Райгуырæн бæсты сæрвæлтау – Курскы, знæгтимæ æвирхъау тох кæнгæйæ, басыгъди танчы мидæг. Мæйы фæстæ йыл хъуамæ сæххæст уыдаид 22 азы. Поэт ныгæд ис Курсы облæсты. Йæхи бæсты тохы быдырæй фæдисонау æрыздæхти йæ зарæг. Зарæг та ахæм у, æмæ æрзилдзæн æнустыл, байзæддæгтæн дзурдзæн карды дзæхстау Хазбийы цыбыр æмæ нæргæ цардыл, йæ кады мæлæтыл…

(Хъуысы æнкъард музыкæ).

6-æм кæсæг:

Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,

Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар…

Мад йæ фыртæн разтыргъы фæдзæхста:

- Ма ныууадз дзæгъæлы дæ фыды кард.

Уый дын тохы рарвыста лæварæн…

Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах,

Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,

Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд…

Рæстæг уади, рæстæг маргъау тахти,

Æмæ ракалд бутьыро бæлас…

Мæнæ рудзынгыл йæ урс сæр мад æруагъта,

Фæзы даргъивæзт фæндагмæ каст.

Æмæ чидæр бадзуры: «Æвгъау уыд…

Фæлæ кад… Æнæвидигæ кад…

Рухсаг уæд, æна, дæ фырт æрхауди.

Æмæ рарвыста мæнæн йæ кард».

Слайд 9,10 (Уæлахизы боны нывтæ (Зарæг «День Победы»)

3-аг скъоладзау:

- Уыцы цины уалдзæг… Уыцы уæлахизы бон… Цас туг сыл ныккалдтой нæ бæстæйы бирæнацион адæм?! Цас сæм фæцыдысты?! 1418 боны æмæ æхсæвы… Иу бон иннæмæй уæззаудæр, иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр…

7-æм кæсæг:

Мах цыдыстæм ацы бонмæ азтæ,

Знаг æрлæууыд зонгуытыл пырхæй.

Рахауди йæ сау тырыса састæй,

Мах тырыса баззади сырхæй.

Ис нæ цины рыст æмæ цæссыг дæр,

Зæххы хъысмæт нæу хæссын æнцон!

Мард хæстонты зынг зæрдæтæй тынгдæр

Раирд ис нæ уæлахизы бон…

Адæмы цин уылæнтау æнхъæвзы,

Ацы фарн æппæт зæххы хъæуы!

(Хъуысы та зарæг «День Победы»)

4-æм скъоладзау:

- Хъæбатыртæ цæуынц ивгъуыд бонтæй… Цæмæй ахизой æнусты сæрты, цæмæй сын сæ ныхас фехъусой фæлтæртæ. Уымæн æмæ фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы…

Ис æфсымæрты ингæнтæ… Æнусмæ дзы бафынæй сты Рæстдзинады æмæ Сæрибары хæстонтæ, кæрæдзи дæр чи нæ зыдта, фæлæ иу хъуыддаджы сæрыл сæ удтæ чи снывонд кодта, уыдон.

Уым æнусмæ цæрынц, сæ лæджыхъæдæй дзыллæйæн кад чи скодта, уыдон… Уыдонимæ не’мзæххонтæ Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты Хазби дæр!

(Хъуысы зарæг «Хæстон хъæбултæ» - С. Медойты)

8-æм кæсæг:

Æмæ сыстади дунейыл мад.

Къухтыл сита йæ иунæг бындары,

Зилы, агуры бæстыл рæстад,

Хæстæндзарæгæн йе стыр маст хъары:

«Ма та, ма та суадз дунейыл хæст!»

Мадæн рустыл йæ цæстысыг уайы.

Дзуапп нæ рардæуыд мадæн, æрмæст

Хæстæндзарæг сызгъæрин нымайы.

Сиды идæдз ус ныр уырдæм, кæм ис

Сабыр адæмæн фарны уæлахиз:

«Мад – дæ фæдзæхст, Уæрæсе,

Сидзæр – де уазæг, хæстæй нæ бахиз!»

(Хъуысы хъæрæй зарæг «Хæстон хъæбултæ». Скъоладзаутæ иууылдæр (фæйнæ дидинæджы сæ къухы) рацæуынц размæ, дидинджытæ æвæрынц портретты раз, стæй æнкъардæй слæууынц).

Сывæллæттæ хæрдмæ сисынц плакат фыстимæ æмæ хъæрæй иумæ зæгъынц:

Мадæлты фæдзæхст: «Макуыуал уæд хæст!»

Кæронбæттæн: Ахуыргæнæг зæрдиаг арфæтæ ракæны сывæллæттæн,

бæрæггæнæнтæ сын сæвæры комментаритимæ,«бузныг» сын зæгъы, æмæ уыдон ацæуынц.

(Хъуысы та музыкæ).


Автор: Маргиева Циала Абрамовна
Похожие материалы
Тип Название материала Автор Опубликован
разное У р о к - с е м и н а р (7 – æм кълас) Маргиева Циала Абрамовна 20 Мар 2015
документ К А Р Т О Т Е К А Э К С П Е Р И М Е Н Т О В Д Л Я С Р Е Д Н Е Й Г Р У П П Ы Гришко Наталья Федоровна 1 Апр 2015
документ Т Е Х Н О Л О Г И И ФО Р М Ы И М Е Т О Д Ы Р А З В И Т И Я К Р И Т И Ч Е С К О Г О М Ы Ш Л Е Н И Я У У Ч А Щ И Х С Я Н А У Р О К А Х М А Т Е М А Т И К И В С Р Е Д Н Е Й Ш К О Л Е Методы технологии критического мыш Лазарева Надежда Бориcовна 7 Апр 2016
документ Рабочие программы по информатики Р а б о ч а я   п р о г р а м м а  п о   у ч е б н о м у   п р е д м е т у  «И н ф о р м а т и к а» д л я 5-9 к л а с с ов Р а б о ч а я   п р о г р а м м а  п Джураева Елена Николаевна 6 Апр 2015
документ Особенности работы с детьми младшего школьного возраста Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 31 Мар 2015
документ Чтение. Работа с текстом Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 6 Апр 2015
презентация, документ Профориентационная работа в школе Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 20 Мар 2015
документ Олимпиада по литературному чтению в начальной школе Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 30 Мар 2015
документ УУД. Универсальные учебные действия Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 30 Мар 2015
документ Формирование метапредметных результатов Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 31 Мар 2015
презентация Учимся писать письма Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 31 Мар 2015
документ Кроссворд на тему "Виды спорта" Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 31 Мар 2015
документ Филворд "8 видов вод суши" Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 6 Апр 2015
документ Особенности оценки метапредметных результатов Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 6 Апр 2015
документ Метапредметный подход в начальной школе Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 4 Апр 2015
документ ОЦЕНКА ДЕЯТЕЛЬНОСТИ УЧИТЕЛЯ .Э к с п е р и м е н т а л ь н ы й р е й т и н г - п р о е к т Чернышев Эдуард Николаевич 20 Мар 2015
документ Р А Б О Ч А Я П Р О Г Р А М М А ПО Р У С С К О М У Я З Ы К У В 5 К Л А С С Е Варакян Вера Григорьевна 22 Апр 2015
презентация, документ Обобщение опыта по теме "Духовно-нравственное воспитание как основа гармоничного развития личности обучающегося" Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 31 Мар 2015
презентация, документ Урок литературного чтения на тему "Никитин И.С. "Русь" Б е з р у к о в а _ С в е т л а н а _ Б о р и с о в н а 5 Апр 2015
разное Р А Б О Ч А Я П Р О Г Р А М М А на 2014 – 2015 учебный год М А Т Е М А Т И К А 6 класс Кузнецова Наталия Петровна 21 Мар 2015
документ П р о г р а м м а “С к а з к о т е р а п и я” Ремезанцева Мария Александровна 8 Янв 2016
документ Классному руководителю Сведения о родителях или лицах, их заменяющих Сведения о других детях в семье С О Ц И А Л Ь Н О - П С И Х О Л О Г И Ч Е С К А Я      К А Р Т А     С Е М Ь И Р А Б О Т А     С     С Е М Ь Воронцова Юлия Геннадьевна 19 Мар 2016
документ Р А Б О Ч А Я П Р О Г Р А М М А П О М У З Ы К Е 1-4 классы (135ч) Синегубова Валентина Сергеевна 31 Мар 2015
документ Т е к с т – к е й с к у р о к у «В л а ж н о с т ь в о з д у х а и е ё з н а ч е н и е» (для 8 класса) Запорожцева Ольга Ивановна 4 Ноя 2015
документ П е р с п е к т и в н ы й п л а н р а б о т ы. Формирование элементарных математически представлений. 2 младшая группа на Лилия Камиловна Даянова 31 Мар 2015
документ Статистические характеристики. 7 класс. «Есть три   вида   лжи :   обычная   ложь,   наглая ложь  и статистическая» Б. Дизраэли (а н г л и й с к и й   п р е м ь е р   м и н и с т р,  X I X  в). Куликова Ольга Александровна 5 Апр 2015
документ М Е Т О Д И Ч Е С К А Я Р А З Р А Б О Т К А педагога дополнительного образования Мустафаевой Гюзель Айратовны по проведению праздничного представления «Новогоднее чудо» Мустафаева Гюзель Айратовна 31 Мар 2015
документ Проект "Природная зоны России"         П О Ч Е М У  У  Д Ж Е Й Р А Н О В    П Е Ч А Л Ь Н Ы Е  Г Л А З А ?         И С Т О Р И Я   О & Логвиненко Ирина Ивановна 5 Апр 2015
документ П Р О Г Р А М М А Ф А К У Л Ь Т А Т И В А «Особенности и трудности сочинения-рассуждения (часть С ЕГЭ)». (1 час в неделю, 70 часов) Колупаева Ольга Викторовна 23 Июл 2015
документ "Полет в космос"                    Р А З В Л Е Ч Е Н И Е   «П О Л Е Т   В   К О С М ОС» Чеботько Елена Александровна 4 Апр 2015
документ Авторская образовательная программа дополнительного образования "Основы риторики в детском саду" З Н А Ч Е Н И Е  К У Р С А ИТОГО:13 часов Смыслова Виктория Александровна 5 Июл 2015
документ книжка-почитайка подружусь я с буквой З ЗНАЕМ  БУКВЫ ГЛАСНЫЕ: А  О  У Ы  Э И  Я Е  Ё  Ю ЗНАЕМ БУКВЫ СОГЛАСНЫЕ: М  Н  Р Л  Й  Г К  З Резиновую Зину               Сурьянинова Ольга Васильевна 6 Дек 2015
документ П л а н р а б о т ы к р у ж к а «Умелые ручки Китанова Светлана Александровна1 7 Апр 2015
документ Т Е С Т – О П Р О С Н И К для измерения потребности в достижении Грязнова Валентина Сергеевна 1 Апр 2015
разное «Фыдыбæстæ, дæуæй зынаргъдæр , адджындæр нæ уыдис æмæ нæй!» Маргиева Циала Абрамовна 20 Мар 2015
документ Темæ: «Фыдыбæстæ, дæуæй мæнæн зынаргъдæр, адджындæр, нæ уыдис æмæ нæй». Хадикова Лариса Владимировна 11 Дек 2015
документ Методическая разработка урока "Пожар в лесу"             К Л У Е Ч С Г Н В О Ы Й   Р П Д О Э Ж В А Т Р Грек Наталья Ивановна 11 Апр 2015
документ Мир растений Экскурсия Тема« М и р      р а с т  е н и й » Цели урока: Бархатцы Название:  в честь немецкого ботаника Вильгельма Да-ниеля Жозефа Коха.  Кравцова Наталья Владимировна 21 Мар 2015
документ Осень 2 «  О С Е Н Ь  Ч У Д Н А Я    П О Р А»  ( ср.гр) Чурилкина Тамара Ефимовна 29 Фев 2016
документ Осень «  О С Е Н Ь  Ч У Д Н А Я    П О Р А»  ( ср.гр) Чурилкина Тамара Ефимовна 6 Мар 2016