Главная / Старшие классы / Родной язык и литература

Дзабидырдзуан

Скачать
666.74 КБ, 298317.docx Автор: Черчесова Альбина Георгиевна, 20 Мар 2015
Скачать
27.84 КБ, 298318.docx Автор: Черчесова Альбина Георгиевна, 20 Мар 2015

Конспект урока

Ирон литературæйы урок 6-æм къласы Урочы темæ: « Маамæлайы къæбæр – лæгдзинад» ( Хетæгкаты Къостайы « Дзæбидырдзуан –мæ гæсгæ.) Урочы эпиграф: Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй, Йæ бон кæд арвиты зынтæй, - Уæддæр нæ ныххуысы æнкъардæй – Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй. Урочы нысантæ: 1. Скъоладзауты базонгæ кæнын Хæтæгкаты Къостайы радзырды мидисимæ,йæ аивадон фæрæзтимæ; 2. Ахуырдзауты фæцалх кæнын текст æвзарыныл, текстмæ иртасæджы цæстæй кæсыныл, дзургæ ныхасы рæстыл бакусын; Цæстуынгæ æрмæг: Къостайы портрет, фотоальбом, чиныг « Ирон фæндыр»; Универсалон ахуырадон архайдыдтæ урочы: Денембарынад парахат кæнын, удгоймагон. Нырыккон технологитæ урочы: хъазт, карточкæтæ, информацион технологитæ. Урочы Урочы цыд: Ах. Уæ бон хорз, зынаргъ сывæллæттæ æмæ хистæртæ! Кæрæдзимæ бахудæм, хъазгæ худгæйæ цы зонæм, уый равдисæм æмæ сæм ног зонындзинæдтæ дæр бафтауæм. ( Дуар æрбахостæ уыд, мидæмæ æрбахызт сывæллон йæ къухы голлаг. Голладжы хуылфы: хæхтæ, хъæд, дзæбидыр, нымæт худ, цухъхъа, топп) Урочы мидис: 1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын? - Цы хонæм литературæ? Дзуапп: - Куыд æмбарут аивадон литературæйы нысаниуæг? Дзуапп: - Цы у радзырд? Дзуапп: Радзырд у цыбыр аивадон уацмыс, æвдыст дзы æрцæуы адæймаджы цардæй исты цау. Ах. Викторинæйы руаджы сбæрæг кæндзыстæм, Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад куыд зонут, уый. (скъоладзаутæ дихгонд æрцыдысты дыууæ къордыл. Алы къорд дæр кусы хицæнæй) 1-аг къорды хæс. Кæцæй сты ацы рæнхъытæ: О, цъиусур! Ма мæм дзур… Дзуапп: Фыдуаг А, ныр ахст дæ, цъиу фæлæуу… Дзуапп: Цъиу æмæ сывæллæттæ ( азарæм ма йæ) 2-аг къорды хæс: Кæцæй сты ацы рæнхъытæ: Иу цæст ма фæзмæлыд, иннæ ныдздзагъуыр Дзуапп: Бирæгъ æмæ хърихъупп. Халон баргъæвст сындзыл… Дзуапп: Сидзæргæс. 2. Ног æрмæг: (презентацийы фæрцы ахуырдзаутæ сæхæдæг хъуамæ сбæрæг кæной урочы темæ, уацсмысы сæйраг хъуыды) Дзуапп: Нывты æвдыст цæуынц: хæхтæ, нæлгæймæгтæ, фæндаг, цуанæттæ, ирон хъæу, дзæбидыртæ. Ах. Куыд уæм кæсы, абон цы радзырдимæ базонгæ уыдзыстæм, уым цæуыл цæудзæн нæ ныхас? Дзуапп: Ах. Æрбакæсут ма нывтæм. Кæй дзы уынут? Чи сты йæ персонажтæ? Дзуапп: Цуанæттæ æмæ дзæбидыртæ. Ах. Абон базонгæ уыдзыстæм Хетæгкаты Къостай ног радзырдимæ. Сабитæ, нæ урочы эпиграфы ныхæстæ чи ныффыста, уыцы лæг райгуырд 155 азы размæ. Фæлæ абон дæр дугты сæрты хъусæм йæ ныхас,æмæ нын нæ зæрдæты агайы, гуырын нæм кæны сæрыстырдзинад.Ай размæ урочы дзырдтам йæ цардвæндагыл,фæлæ уын уæ зæрдæтыл æрлæууын кæндзынæн. Нары цæргæйæ йæхи цæстытæй кæй федта, мæгуыр фæллойгæнæг адæмы,уыцы æвадат æмæ зын уавæртæ. Поэты зæрдæ рыст æфхæрд адæмы уæззау хъысмæтыл æмæ йæ фыссæн сисæй тох кодта се фхæрджыты ныхмæ. Ах. Ц у цымæ ацы радзырды жанр? Дзуапп: Литературон. Ах. Цæмæй хицæн кæны литературон уацмыс фольклоронæй? Дзуапп: Литерæтурон уацмысæн бæрæг у йæ автор. Дзырдуатон куыст: Ах. Араст уæм нæ, Тедойы царды уавæртæм, фæлæ ныл фæндагыл амбæлдзысты æнæзонгæ дзырдтæ, сæ мидис цын базонæм. Слайдтыл: Хатæн – хицæн гыццыл уат. Луаси – дзулыссадæй тæнæг кæрдзынтæ. Къона – ирон хæдзары астæу иу арт кæм кодтой, уыцы бынат. Дзæбидыр – сычъи - тур. 3. Текстыл куыст. ( хъуысы сабыр музыкæ)Фыссæг радзырды æвдисы уацсмысы архайджыты цардæй чысыл ныв. Сæйраг хъайтарæн райста Тедойы æмæ йын йæ цардæй равдыста иу цыбыр рæстæг: цуаны куыд ацыд æмæ куыд фесæфт. Тедо уыди мæгуыр,хæххон лæг, йæ царды фæрæз æрмæстдæр цуанæй кæмæн уыд, ахæм. Тедо æвдыст цæуы фæлтæрджын, цыргъзонд,хæрарæхст цуанонæй. æхсæвыгон тæссаг фæндæгтыл, сæрсæфæнты сæрты цæуы арæхстгай æмæ ныфсхастæй. Йæ фæдыл кæны йе мбæлтты дæр. - Курын дæ, ма цу уыцы фыдбылызы фæндагыл, - сусæггомау æм дзуры йæ бинойнаг Зæли. Æз тæрсын фыдбылызæй… - Ха-а-а, гуымиры, æдылы, сæрхъæн! Цæмæй тæрсыс? Рох дæ ма уæд, цæрын нæ хъæуы, уый. Нæ цард та у цуаны куыстæй. Ацыд Тедо, фæлæ йæ фæстаг мæлæты фæндагыл. Бынтондæр фесæфт… 4. Беседæ: Ах. Тедо уæ цæстытыл цавæрæй ауад? Цавæр адæймаг у? Дзуапп: Ныфсджын, фæллойуарзаг, уæздан Ах. Куыд хуыйнынц лексикæйы, сæ нысаниуджытæ ныхмæвæрд кæмæн сты, уыцы дзырдтæ? Дзуапп: Антонимтæ. 5. Беседæ æмæ хæслæвæрдтæ: Ах. Иу скъоладзау ма рауайæд фæйнæгмæ æмæ « Дзæбидырдзуан» равзарæд морфемикон æгъдауæй. Дзуапп: Дзæбидырдзуан( æвзары) Ах. Ссарут тексты Диалог. Дзуапп: - Курын дæ, ма цу уыцы фыдбылызы фæндагыл, - сусæггомау æм дзуры йæ бинойнаг Зæли. Æз тæрсын фыдбылызæй… - Ха-а-а, гуымиры, æдылы, сæрхъæн! Цæмæй тæрсыс? Рох дæ ма уæд, цæрын нæ хъæуы, уый. Нæ цард та у цуаны куыстæй. Ах. Ссарут тексты фразеологизмтæ Дзуапп: гуымиры( ), æдылы(æнæзонд ), сæрхъæн( зондæй цух). 6. Фæлладуадзæн рæстæг: Ах. Сывæллæттæ, цæмæй мах дæр фæнæм дзæбидырты, уый тыххæй аракæс – бакæс кæнæм.( сабитæ сыстадысты, сæхи аивæзтой, сæ къухты аууæтты кæсынц куы иуырдæм, куы иннæрдæм). 7. Синквейн æрхъуыды кæныныл куыст Ах. Цы у синквейн? Дзуапп: Ах. Дзырд Дзæбидыр-æй саразæм синквейн Дзуапп: 8. Хатдзæг: Беседæ: Ах. Радзырды уæ зæрдæмæ цы фæцыд? Цæуыл нæ ахуыр кæны уацмыс? Цæуыл бацин кæнид абон Къоста? Дзуапп: Ах. Ныр та, мæнæ уын лыгтæ ныв. Куы йæ сымбырд кæнат, уæд базондзыстæм нæ абоны урочы темæ( нывы Дзæбидыр) 9. Уды æнкъарæнтæ раргом кæныныл куыст( рефлексия) Ах. Мæ лымæнтæ, нæ балц кæрон æрхæццæ. Балцы цæугæйæ уа æвæццæгæн исчи амбæлд лстæг цæрæгойтыл. Кæд рувасыл-уæд,дæ балц фæрæстмæ, кæд æмæ тæрхъусыл, уæд фæстæмæ раздæх. Ах. Цымæ уыл цавæр сырд арæхдæр амбæлыд.( систой рувасы ныв) Ах. Сымах стут, ныфсджын, фæллойуарзаг. Ах. Уæдæ уæд уæ бæрæггæнæнтæ дæр сты 5. 10. Хæдзармæ куст: Ныффыссын чычыл нывæцæн « Тедойы хъуыдыйы æрмæстдæр уыд дзæбидыр». Сбæттут æй абоны цардимæ. 11. Кæрон бæттæн: Ах. Цæмæй фæцис уыцмыс? Дзуапп: Трагедийæ. Ах. Трагеди та цы у? Дзуапп: Ах. Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ныр та кæрæдзийæн арфæтæ ракæнæм. Бузныг, мæ лымæнтæ. Æз дæр нæ урок фæуыдзæн арфæйæ: « Уæ ныййарджыты фæндиаг ут! Зарæг: Фарн.


Автор: Черчесова Альбина Георгиевна
Похожие материалы
Тип Название материала Автор Опубликован
документ Дзабидырдзуан Черчесова Альбина Георгиевна 20 Мар 2015