Доклад"Игровые формы обучения на уроках осетинского языка и литературы".
Темæ. «Хъазты хуызты эффективон мадзæлттæ ирон æвзаджы урокты».
«Игра – это огромное окно, через которое в духовный мир ребенка
вливается живительный поток представлений, понятий об окружающем мире»
Василий Сухомлинский
Ирон ӕвзаг у хъӕздыг ӕмӕ тынг рагон. Индоевропæйаг ӕвзӕгты хсӕн ахсы вазыгджын бынат.Ирон адӕм тынг хорз бахъӕхъхъӕдтой се взаджы рагон ӕууӕлтӕ,иннӕ индоевропайаг ӕвзӕгтыл цы дзырдтӕ ӕмӕ грамматикон формӕтӕ нал ис, ахӕмтӕ,ома ирон ӕвзаджы баззад йӕ рагон бындур, уымӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаг у хӕзна, къабиц иннӕ индоевропӕйаг ӕвзӕгтӕ иртасынӕн,ӕмӕ уый тыххӕй ирон ӕвзаг ахуыр канынц дунейы стырдӕр университетты.
Ирон ӕвзаджы урок у сывӕллоны зондахасты бындурӕвӕрӕг, йӕ удыхъӕд аразӕг, йӕ цӕстангас ӕрдзмӕ, адӕммӕ, ӕхсӕнадон цардмӕ парахатдӕргӕнӕг.
Ӕвзаг ӕхсӕнадон хотых кай у, уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕг алы урочы дӕр хъуамӕ дзура хъӕздыг, аив,хӕрзхъӕд, зӕрдӕмӕ арф хизӕг дзырдтӕй, хъуыдыйӕдтӕй. Ӕрвылбон ӕрхайа, цӕмӕй скъоладзауты сахуыр кӕна ирон ӕвзагыл хъуыды кӕнын, аив дзурын.
Æвæццæгæн алы ахуыргæнæг дæр йæ размæ æрæвæры ахæм хæс- куыд скæна йæ урок цымыдисагдæр, мидисджындæр, цæмæй сывæллон разæнгард кæна æмæ тырна ирон æвзаг ахуыр кæнынмæ.Ацы ран нын тынг æххуыс сты алыхуызон хъазты мадзæлттæ.
Сывæллæттæ урочы тагъд кæй фæллайынц, уымæ гæсгæ сын æппæт ахуыртæ дæр аразын хъæуы, цас гæнæн ис, уыйбæрц хъæзты бындурыл. Ноджы ма бирæ сывæллæттæ уарзынц сæхæдæг хъæзтытæ мысын. Уыцы хъуыддагæй хъæуы спайда кæнын. Ахуыргæнæг хъæзтытæй цас фылдæр пайда скæна ахуыр фæрогдæры тыххæй, цас сæ аивдæр бабæтта ахуырадон æрмæгимæ, уыйбæрц сывæллæтты хъуыдыкæнынад æнцондæрæй здахдзæн иу уавæрæй иннæмæ. Ахæм хъæзтытæ ма сывæллæтты уымæй уæлдай ахуыр кæнынц цыргъзонддзинадыл, дзырдарæхстыл, тагъд мадзал ахъуыды кæныныл.
Хъазт у тынг ахсджиаг мадзал æмæ йын ис стыр ахадындзинад нырыккон урочы. Уый æфтауы сывæллоны хъуыды кæнын, хатдзæгтæ кæнын, миддуне хъæздыгдæр кæнын, зонындзинæдтæ арфдæр кæнын, цыргъзонддзинадыл, дзырдарæхстыл, хъазты фæрцы ахуыргæнæг æмæ скъоладзау ныхас кæнынц ирон æвзагыл. Хъазты рæстæг сывæллон райсы бирæ æвæрццаг æнкъарæнтæ: цин, æмхицдзинад,æмкуыст кæнынад, ерыс кæнын, уæлахиз кæнын, фæуæлахих уæвын. Æппæты лæмæгъдæр скъоладзау дæр йæхи раргом кæндзæн, нал тæрсдзæн рæдыд скæнынæй. Ахæм уроктæм скъоладзаутæ цæудзысты зæрдæрайгæйæ, сæ цæстыты уыдзæн циндзинад. Алы ахуыргæнæгæн дæр уый у стыр хорзæх.
Уæдæ цавæр хъазты хуызтæй пайда кæнынц ирон æвзаджы урокты. (слайдтæ)
1. Фонетикон
2. Дамгъуатыл куысты
3. Орфографион
4. Лексикон
5. Грамматикон
6. Кæсын ахуыр кæныны
7. Аудировани
8. Монологон ныхасы
9. Диалогон ныхасы
Игра – путь детей к познанию мира, в котором они живут,
и который они призваны изменить.
Автор: Хадикова Лариса Владимировна